Дзанайты Барис амыдта РЦИ-Аланийы хицауады æмбырд

Ацы аз Цæгат Ирыстоны социалон райрæзты паддзахадон программæйæн радих кæндзысты 5,5 млрд сомæй фылдæр. Æхцайы фæрæзтæ фæхæццæ кæндзысты бирæсывæллонджын бинонтæм, карджын адæм æмæ инвалидтæм. Æххуысы фæрæз хъуамæ исой афоныл æмæ æнæкъуылымпыйæ. Дзанайты Барис фæллойы министрадæн бабар кодта æппæт фарстатæм лæмбынæгæй кæсын. 230 милуан сомы снысан кодтой социалон контракттæн. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй механизм хорз æххуыс у хи хъуыддаг байгом кæнынæн æмæ æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынæн. Дзуапдæттæг министр Айдарты Алинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй, ныртæккæ Сæрмагонд æфсæдддон операцийы цæфтимæ æртæ архайæджы сифтонг кодтой дæргъвæтин æххуысы мадзæлттæй. Карджын æмæ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн æххуысы системæ регионы æххæст кæнынц ивгъуыд азæй. Уыцы хæрдзтæн Уæрæсейы фæллойы министрад уæлæмхасæн радих кодта 20 милуан сомы. Ацы аз ма фæкæсдзысты Сæрмагонд æфсæддоны операцийы 70 архайæгмæ. Ныхас ма цыд культурæйыл дæр. Дигорайы сарæзтой райрæзты Центр. Дзанайты Барис бабар кодта, цæмæй йæ хæстæгдæр рæстæг байгом кæной. Уыимæ ма социалон ахсджиаг объектты анализ скæнын. Фæзтæ дзæгъл лæуд хъуамæ ма кæной. Дарддæр цæуы транспортон инфраструктурæйы монернизаци. Ацы аз фæндæгты арæзтад, бындурон цалцæг æмæ рацарæзтæн радих кæндзысты 6 миллиарды.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
49 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии