Ахсджиаг хъуыддæгтыл
Республикæйы национ ахастдзинæдты министрады сфидар кодтой Æхсæнадон советы уæнгтæ. Кусæндоны æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Æхсæнадон совет фæзынд 2005 азы. Йæ сæйраг нысан у æхсæнад æмæ хицауады `хсæн æмгуыстады мадзæлттæ саразын. Æмбырды равзæрстой Советы сæрдар æмæ секретары. Сфидар кодтой Советы куысты регламент, къамисты æмæ кусæг къордты уæнгтæ. Æдæппæтæй 60 адæймагæй фылдæр. Бæрнон кусджытæ ма æрдзырдтой, экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ цавæр куыст арæзт цæуы, уый тыххæй. Уæлдай æргом здахынц фæсивæды хъомыладмæ. Æмбырды раныхас кодтой стыр ныхасы минæвæрттæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады экстремизмы ныхмæ Центры кусджытæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг хъуыддæгтыл
Категория:
Новости и СМИ