Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Фæндæгты цалцæджы рæстæг Уæллаг Ларсы æмæ Дзæуджыхъæуы кæрæтты уæзласæн хæдтулгæтæ хъуамæ ма лæууой. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг дзуапдæттæг ведомствотæн бабар кодта уавæрмæ цæст дарын. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй транспорт хъуамæ лæууа сæрмагонд æрлæууæн бынæтты. Ныхас ма цыд эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы бæрæггæнтæм гæсгæ, уавæр æвзæр нæу. Æхснырсæг æмæ гриппимæ рынчынты нæ рабæрæг кодтой. Аланийы аргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ рацарæзтой Хетæгкаты Къостайы номыл музей, фæлæ дзы экспозици нæй. Сергей Меняйло бабар кодта хæстæгдæр рæстæг фарста аиуварс кæнын. Æрдзырдтой ма Цæгат Ирыстоны архайдыл равдыст-форум «Уæрæсе»-йы. Экономикон райрæзты министр Мырыкаты Мараты ныхæстæм гæсгæ, спорты къуырийы фæлгæты нæ республикæ бацæттæ кæндзæн 5 тæрхæджы. Уымæй уæлдай ма, республикæйы бонмæ равдысты ирон æгъдæуттæм гæсгæ иу къай сæ цард баиу кæндзæн. Регионы разамонæг бабар кодта, мадзал бæрзонд æмвæзадыл бацæттæ кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
36 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии