Тъехты Вадим хæдзары ахстæй бадыны фæтк кæй фехæлдта, уый тыххæй мидхъуыддæгты министрады сарæзтой б

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков бабар кодта басгæрст саразын, нæ республикæйы æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы хъусынгæнинаджы фæдыл. Уым куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Мидхъуыддæгты министрад зыдта, Тъехты Вадим, ныртæккæ йæ раздæры бинойнаджы кæй амардта, уый тыххæй ахæстоны чи бады, уый хæдзары ахсты фæтк кæй фехæлдта. Хъусынгæнинаг 27-æм сентябры апарахат кодтой дзыллон информацион фæрæзты дæр. Хъуыддаг равзарыныл Михаил Скоков расидт кусгæ иртæстытæ саразын. Уый фæлгæты рабæрæг, 2018 азы, ноябры, профилон министрад байгом кодта уголовон хъуыддаг Тъехты Вадимы уæззау закъонхæлдты фæдыл. Уæд æй слестгæнæн мадзæлтты фæстæ пъæлицæйæгтæ æрцахстой. Тæрхондон та уынаффæ рахаста, цæмæй хæдзары ахстæй бада. Уыцы æфхæрд куыд æххæст кодта, уый Мидхъуыддæгты министрады кусджыты бæрны нал уыд. Ахæм хатдзæг æнцайы Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы министрады бардзырдыл, хæдзары ахстæй чи бады уыдонмæ цæстарды тыххæй. Ацы закъон куыд домы, уымæ гæсгæ Тъехты Вадиммæ цы барадхъахъхъæнæн хайад касти, уый хъуамæ фæткмæ гæсгæ 2 сахаты æмгъуыдмæ фæхабар кодтаид телефонæй слесгæнæгджытæм, 24 сахаты æмгъуыдмæ та сын хъусынгæнинаг фыстæджы хуызы арвыстаид. Фæлæ ахстæй хæдзары бадыны фæтк кæй фехæлдта, уый тыххæй фехъусын кодтой профилон министрадмæ æрмæстдæр Гæджиты Регинæйы кардæй куы барæхуыста, уый фæстæ. Тъехты Вадим цалдæр хаты закъоны сæрты кæй ахызт, уый тыххæй басгæрсты æрмæджытæ арвыстой Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитетмæ, цæмæй юридикон æгъдауæй, бæрнон кусджыты митæн дзуапп радтой. Уый хатдзæгтæм гæсгæ, Тъехты Вадимы закъонхæлды тыххæй цы инспектор нæ фæхабар кодта, уый ныхмæ дæр байгом кодтой уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тъехты Вадим хæдзары ахстæй бадыны фæтк кæй фехæлдта, уый тыххæй мидхъуыддæгты министрады сарæзтой б

Категория:

Новости и СМИ