Сергей Меняйло архайдта бæрæгбæтты мадзæлттæм цæттæгæнæн кусæг къорды æмбырды
Республикæ Уæрæсеимæ кæй баиу, уый 250 азы бæрæг кæндзыстæм 11-æм - 12-æм июны; 6-æм æмæ 7 -æм июлы та уыдзæн Цæгат Ирыстоны автономийы егъау бæрæгбон. 21-æм -22-æм сентябры та сбæрæг кæндзыстæм Дзæуджыхъæуы сæвзæрды 240 азы. Уый сбæрæг кусæг къорды æмбырды. Амыдта йæ Сергей Меняйло. Пъланмæ бахастой 100 мадзалæй фылдæр. Се 'хсæн равдыстытæ, чингуыты армукъа, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, спортивон æмæ интеллектуалон æркастытæ, историон кинонывты равдыстытæ, форумтæ æмæ концерттæ. 9-æм æмæ 15-æм октябры та Мæскуыйы ацæудзысты Цæгат Ирыстоны культурæйы бонтæ. Уым сараздзысты ирон чъириты фестиваль. Нæ бæстæйы сæйраг горæты цæрджыты æмæ уазджыты базонгæ кæндзысты не 'гъдæуттæ æмæ традицитимæ. Мадзал барæсугъд кæндзысты зындгонд хортæ æмæ кафджыты къордтæ. Юбилейон бонтæм мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитет бацæттæ кодта логотипты проекттæ. Тагъд сæ сфидар кæндзысты культурæ æмæ ахуырады кусæндæтты бæстыхæйтты æддаг къултыл. Сергей Меняйло бабар кодта, уыцы информаци стендтæ æмæ туристтæ фылдæр цы бынæтты вæййынц, уым равæрын.