Цæгат Ирыстоны боныхъæд абон йæ хуыздæртæй нæ уыд
Цæгат Ирыстоны боныхъæд абон йæ хуыздæртæй нæ уыд. Тыхджын дымгæ æмæ тæрккъæвдаты аххосæй бæлæстæ æд уидæгтæ стыдта. Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагыл кæй рафæлдæхтысты бæлæстæ, уый аххосæй хæдтулгæтæ дæр зынтæй цыдысты. Уæдæ Дзæуджыхъæуы дæр уавæр хуыздæр нæ уыд. Горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй кæцыдæр уынгты дымгæ афæлдхта 60 бæласæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма, тыхджын дымгæйы аххосæй, электрон тыхы телтæ дæр аскъуыдысты, æмæ кæцыдæр районты цæрджытæ æнæ рухсæй баззадысты. Дæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, коммуналон службæтæ ныридæгæн бавнæлдтой дымгæйы фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ. Синоптиктæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй боныхъæд сæ хæрзтæй нæ уыдзæн хæстæгдæр æртæ боны. Уардзæн тæргкъæвдатæ, кæндзæн тыхджын дымгæ. Тæссаг у донивылдтытæй дæр, хæхты та зæххы лæбырдтытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны боныхъæд абон йæ хуыздæртæй нæ уыд
Категория:
Новости и СМИ