Айдæнау сыгъдæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

15 просмотров

8 лет назад

Нæ горæты сæйраг парк, Сабырдзинады проспект,доны станwæ,æрмæст уыцы рæтты ма ис нуазыны доны фонтантыл сæмбæлæн. Раздæр дзæвгар фылдæр уыдысты , ныр та стæм сты. Æхсызгон уый у æмæ ма чи ис, уыдон цæрджыты æмæ уазджыты ныры онг дæр ма хæрзад донæй æфсадынц. Фæлæ дзы бирæтæ нуазын сæ ныфс нæ хæссынц. Афтæ сæм кæсы, æмæ дон нуазынæн нæ бæззы. Уый, æцæгæйдæр, афтæ у æви нæ? Нуазынмæ цы дон бæззы, ахæм фонтантæ нæ горæты ныр стæм хатт æмбæлынц. Историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг ахæм фонтантæ фæзындысты Ромаг паддзахады. Æнусты сæрты сæ фенæн ис ныр дæр. Уæлдай уарзондæр сты Испанийы, Италийы æмæ Францийы цæрджытæн æмæ туристтæн. Сæ рæстæджы нуазынæн дон цы фонтанты бæззыд, ахæмтæ фæзындысты Уæрæсейы горæтты. Дзæуджыхъæуы дæр. РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты наукон кусæг, историон наукæты кандидат Феликс Киреев: «Нæ горæты æппæты фыццаг фæзындысты революцийы агъоммæ. Арæхдæр æмбæлыдысты сæйраг парчы æмæ проспекты. Советон рæстæджы дæр сæ кодтой, фæлæ уыдысты хуымæтæг цæджындзты хуыз конд. Æмæ дзы калд дон. Ныр уыдонæн дæр сæ фылдæр нæ кусынц. Цалдæр ма дзы баззад.» Абоны онг нæм баззад 8 ахæм фонтаны. Иуылдæр сты тынг æмхуызон, кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц. Фæлæ сæ алкæмæн дæр ис йæхи истори. Зæгъæм, Рæмоны-фырты уынджы фонтан 25 азы размæ фæзынд. Уый дæр хуымæтæджы нæ, ахæм хуызы æрхъуыды кодтой æрыгон лæппуйы ном. Уый йе`мбæлттимæ бæрæг кодта скъола каст кæй фæсты, уый æмæ цæугæдоны аныгъуылд. Йе`мкъласонтæ æхцайы фæрæзтæ æртымбыл кодтой æмæ йæ хæдзары бакомкоммæ скодтой ацы фонтан. Ахæм хуызы искæй ном ссарын бирæ горæтты традици уыд. Фæлæ уæддæр арæхдæр фонтантæ æмбæлынц паркты æмæ æндæр улæфæн бынæтты. Дзæуджыхъæуы Канд парчы не сты, фæлæ ма доны станцæйы дæр. Ис дзы æртæ фонтаны, сты донуатæй цалдæр къахдзæфы фалдæр. Адæмæн уæлдай удæнцой хæссынц. Фыццаджыдæр уымæн æмæ сæ дон у айдæнау сыгъдæг, уазал, нуазынмæ бæззы. Уый та уымæн æмæ ацы фонтантæм дон горæты доны хæдзарадæй цæуы. Йæ сыгъдæгдзинад æмæ хæрзхъæддзинадмæ та цæст дарынц «Роспотребнадзор»-ы специалисттæ. Бæрæг æй кæнынц сæрмагонд фæрсудзæн системæты фæрцы. Дон санитарон домæнтæн дзуапп дæтты. РЦИ-Аланийы Роспотребнадзоры санитарон цæстдарды хайады размонæджы хæдивæг Хъулаты Алан: «“Водоканалы” кусджытæ доны хæрзхъæддзинадмæ цæст дарынц. Къуыри æртæ хатты алы рæттæй сисынц доны анализтæ æмæ сæ службæйы социалон æмæ гигиенæйы мониторинджы фæрцы иртæстытæ скæнæм. Уыцы хъуыддагмæ йæ цæст дары паддзахад дæр.» Афæдзы райдиан доны хæрзхъæддзинад сбæрæг кодтой 300 хатты. «Роспотребнадзор»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ дон æппæт домæнтæн дзуапп дæтты. Уæдæ адæмы æнæздзинадæн дæр зиан не`рхæссдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Айдæнау сыгъдæг

Категория:

Новости и СМИ