Александр Суворовы номыл училищæйы рауагъдонты сарæзтой кадджын мадзал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Александр Суворовы номыл училищæйы рауагъдонты хорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы Намысы аллеяйы. Кадджын мадзал райдыдта Уæрæсейы Федерацийы гимнæй. Уый фæстæ Намысы мемориалыл мадзалы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ. Фæсивæдæн арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ æрбацыдысты Хуссар Федералон зылды 58-æм æфсады къамандыгæнæг Сергей Рыжков, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны сæйраг управленийы разамонæг Александр Хоружий æмæ æндæр кадджын уазджытæ. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй рауагъдонтæн арфæ ракодта хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбек. Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады номæй та рауагъдонтæм фæсидт булкъон Бетрозты Тотраз. Мадзалы архайдтой ветеранты хæдзары минæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма сæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ. Ацы аз Цæгат Ирыстоны Александр Суворовы номыл училищæ рауагъта 29 ахуырдзауы. Уыдонæй 2 рауагъдоны, ахуыры æнтыстдзинæдты тыххæй, схорзæхджын кодтой сыгъзæрин майдантæй. 21 адæймаджы училищæ каст фесты иттæг хорз æмæ хорз бæрæггæнæнтыл. Уымæй уæлдай ма рауагъдонты `хсæн ис спорты дæсныйы 2 кандидаты, 17-мæ та ис спорты алы хуызты æнтыстдзинæдтæ. Рауагъдонтæ дарддæр фæнд кæнынц хъæхъхъæнынады министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын ахуыр кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Александр Суворовы номыл училищæйы рауагъдонты сарæзтой кадджын мадзал

Категория:

Новости и СМИ