Сæ ном рох нæ уыдзæн
Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты Цæгат Ирыстонæй рацæуæг Уæрæсейы хъæбатырты нæмттæ. Мадзал сарæзтой Намысы мемориалы. Хъайтартæй дзы чи фæмард, уыдоны нæмттæ æрхъуыды кодтой. Уымæй уæлдай ма дзы фæнысан кодтой нырыккон хъæбатырты нæмттæ дæр. Мысæн бонмæ æрбацыдысты ветерантæ, горæты администрацийы уæнгтæ, скъоладзаутæ, хъæбатырты хиуæттæ æмæ Цæгат Кавказы Суворовы номыл училищæйы хъомылгæнинæгтæ. Мадзал сарæзтой ветеранты цæдис æмæ горæты администрацийы хъæппæрисæй. Мадзалы кæронбæттæны йæ архайджытæ хъайтарты цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæ ном рох нæ уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ