Сабыргай згъæлы
Сæ фыды уæзæгмæ фæстæмæ æрыздæхын куыд рабæрæг ис, афтæмæй, бирæты фæнды. Ууыл дзурæг у а фæстаг рæстæг хохаг хъæутæ Доныфарс, Лезгор æмæ Къуымбылтæйы зæххытæ хæдзар самайын æмæ ам æрцæрыны нысанимæ кæй æлхæнынц, уый. Уæдæ хæхбæсты уæлвæзтæм арæзтадон æрмæджытæ сласын æнцон нæу. Уый та уый тыххæй æмæ, хъæуты сæйраг фæндагимæ цы хид бæтты, уый хъыгагæн заууатмæ æрцыд. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хид машинæйы нæ фæлæ, адæймаджы уæзæн дæр зынтæй фæразы. Районы хицауад, объект цалцæггæныны куыстытæм бавналдзæн, æви нæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Алы бон дæр тæрсгæйæ. Афтæмæй Доныфарсы цæрджытæ ссарынц сæ хæдзæрдтæ зæронд хидыл цæугæйæ. Уæвгæ йæ хид схонын дæр тынг зын у. Дыгургомы ацы æртæ хохаг хъæутæм æндæр никуыд ис бафтæн.Уымæ гæсгæ цæрджытæ сæ уавæрæн быхсынц, фæразынц, æндæр гæнæн сын нæй. Хъæуты ацæргæ адæм бирæ ис, уыдон куыд зæгъынц,афтæмæй, хид 45 азы размæ скодтой, цалцæггонд та æрмæстдæр иу хатт æрцыдис,уый дæр 25 азы размæ.Хид аразгæ дæр æмæ цалцæг дæр район цы æхцайы фæрæзтæ радих кодта, уый фæрцы скодтой.Фæлæ бындурон цалцæггæнæн куыстытæм бавнылынмæ сæ ныфс нæ хæссынц. Æхцайы фæрæзтæй не`ххæссыдысты. Цæрджытæн та ацы хид сæ риссагдæр фарстатæй иу у, æмæ йыл æппынæдзух дзурын дæр сæ бон нал у. Хъæуты цæрджытæ дæр бирæ нæй, нымадæй цалдæр хæдзары.Фæлæ администрацийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, уавæр ивын райдыдта. Адæмæн Фæстæмæ сæ фыды уæзæгмæ æрыздæхын,хæдзар дзы самайын й у се стырдæр бæллиц.Æмæ йæ сæххæст кæныныл дæр бацархаиккой, фæлæ ацы хидыл арæзтадон æрмæджытæ сласын æнцон нæу.Кæнæ дæ æрмæджытæ нæ бахæццæ уыдзысты,кæнæ та дæхæдæг. Администрацийы сын уавæр æнæзонгæ нæу, уæдæ цæрджыты хъастмæ дæр куыд фæдыйы цæстæй нæ кæсынц, фæлæ сæм æхцайы фæрæзтæ кæй нæй,уый тыххæй хъуыддаг къуылымпы кæны.Фæлæ ныр ныфс фæзынди, уавæр хуыздæрмæкæй аивдзæн,ууыл. Хъуамæ цалцæггæнæн куыстытæм хъуамæ бавналой. æхца та - бынæттон фæндаггон фондæй. Хид саразыны проект уал ныллæууыд æмбæлгæ гæхæттытæ бафыссыныл. Куыстыт пълан дæр цæттæ. Аразджыты хъудымæ гæсгæ цалдæр мæйы фæстæ ам фæзындзæн ног хид.Уæд бынæттон цæрджытæ æдасæй хиздзысты цæугæдоны сæрты.Уыимæ сын сæ фыды уæзæгмæ цæуын дæр ныр уæлдай æхсызгон уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сабыргай згъæлы
Категория:
Новости и СМИ