Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд
Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд. Цæгат Ирыстон цæттæ кæны «Инфраструктура для жизни», зæгъгæ, национ проекты архайынмæ. Йæ сæйраг нысæнттæй иу æнцайæн хъæутæ æмæ горæттæ сбæрæг кæнын æмæ сæ райрæзты фæдыл программæтæ бацæттæ кæнын. Дзанайты Барис бæрнон адæмæн бабар кодта цæттæгæн куыстытæ снысан кæнын æмæ бафиппайдта, ацы программæ республикæйы райрæзтыл хорзы 'рдæм кæй сахаддзæн. Æрныхас ма кодтой Цæгат Ирыстоны цæттæдзинадыл ног туристон сезонмæ. Майы бæрæгбæтты регионы рагагъоммæ бацахстой бынатæвæрд объектты 90%. Ведомствойы специалисттæ æмгуыст кæнынц туроператортæ æмæ фысымуæтты бизнесы минæвæрттимæ, уымæ гæсгæ хъæддыхæй зæгъæн ис республикæ фылдæр туристты нымæцмæ цæттæ кæй у. Ныхас ма цыд туристон инфраструктурæйы объекттæн федералон субсидитæ райсыныл. Дзанайты Барис бабар кодта ацы аз Цæгат Ирыстонæн цы 227 милуан сомы радих кодтой, уыдон афоныл сæ исджытæм фæхæццæ кæнын.