Алæмæты аргъау

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Аргъау кæм ис, зæгъгæ, куы бафæрсат, уæд нæ дзуапп цæттæ - растæриддæр Алагиры. Дзержинскийы номыл уынджы кой æгас республикæйыл айхъуыст. Гирляндæтæ æмæ Ног азы цырæгътæй йæ афтæ барæсугъд кодтой, æмæ йæ фенынмæ цæуынц Цæгат Ирыстоны алы къуымтæй. Не сфæлдыстадон къорд дæр бæрæгбоны рæсугъддзинæдтæ фенынмæ абалц кодта Алагирмæ. Байхъусæм ма сæм. Ацы аз, зæгъæн ис, æмæ Алагиры хуызæн бæрæгбонарæзт бынат Цæгат Ирыстоны нæй. Ног азы аргъау ам, цыма, райдыдта, афтæ кæсы адæммæ. Дзержинскийы цæхæртæкалгæ уынг фенынмæ цæуынц республикæйы алы къуымтæй. Зæгъæм, Акъеты бинонтæ `рбацыдысты Дигорайæ. Æдæппæтæй уыдысты 16 адæймаджы. Фæндыд сæ, йæ кой дардмæ кæмæн айхъуыст, уыцы уынг сæхи цæстæй фенын. Æппæты фыццаг уынг саив кæныны хъуыды æрцыд Дзбойты Маринæмæ. 4 азы размæ барæсугъд кодта йæ хæдзары æддаг бакаст. Азæй-азмæ сæ хæдзæрттæ срæсугъд кæнын кæй фæндыд, ахæмтæ фылдæр кодтой. Ацы аз баисты 20 хæдзары. Бæрæгбоны æрмæджытæ æмæ алыхуызон цырæгътæй сæ бæстыхæйттæй рауайын кодтой алæмæты аргъау. Гирляндæты иумæйаг дæргъ у 2 километры. Сарæзтой дзы заз бæлæстæ æмæ митын дадатæ. Суанг ма дзы, арвмæ 5 метры чи фæцыд, ахæм згъæр мæсыг дæр самадтой. Сосланмæ ис стыр пълæнттæ ног азмæ дæр. Фæлæ сæ нæма хъæр кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ цы сараза, уый феныны аккаг æнæмæнг уыдзæн. Алагиры цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, фидæны аз ма сæ хæдзæрттæ бæрæгбонарæзт скæнын ноджы искæйты кæй бафæнддзæн. Уæд хъæлдзæг зæрдæйы ахаст таудзысты ноджы фылдæр адæмыл. Раст æрвылаз куыд снысан кæнынц, афтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алæмæты аргъау

Категория:

Новости и СМИ