Пятигорскы кæронмæ фæхæццæ кæны фæсивæдон форум «Машук»-ы 3 аг фæлтæр
Пятигорскы кæронмæ фæхæццæ кæны фæсивæдон форум «Машук»-ы 3-аг фæлтæр. Цæгат Ирыстонæй дзы архайы 105 минæвары. Форумы фæзмæ æрвылбон саккаг кæнынц артисттæ, эксперттæ æмæ зынгонд спортсментæ. Æртыккаг фæлтæр у фæсивæды проектты æппæтуæрæсеон конкурс. «Я - лидер», зæгъгæ, лозунгимæ. Æрæджы Машукы иу бон снысан кодтой Цæгат Кавказы федералон зылдæн. Алы делегаци дæр бацæттæ кодтой сæрмагонд фæзтæ. Уыимæ ма мадзалы архайджытæ фембæлдысты кадджын уазджытимæ. Бацæттæ сын кодтой сæрмагонд программæ. Равдыстой дзы ивгъуыд азты архайджыты куыстытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пятигорскы кæронмæ фæхæццæ кæны фæсивæдон форум «Машук»-ы 3 аг фæлтæр
Категория:
Новости и СМИ