Цæгат Ирыстоны ссыдысты Мæскуыйаг литератортæ
Дзæуджыхъæуы Национ музейы та абон уыд Мæскуы æмæ Цæгат Ирыстоны литераторты æмбырд. Уазæгуаты нæм сæмбæлдысты Уæрæсейы сæйраг горæты сфæлдыстадон кусджыты 5 минæвæры. Фысымтæ æмæ æрцæуджытæ кæрæдзийæн бацæттæ кодтой хъæздыг аивадон программæ. Кастысты æмдзæвгæтæ, акодтой зарджытæ, уæдæ кафынæй дæр сæ зæрдæтæ барухс сты. Кæрæдзийæн ма ракодтой лæвæрттæ дæр. Рухс федта чиныг «Две столицы: Владикавказ-Москва», зæгъгæ. Уадзгæ дæр æй æмдыхæй ракодтой. Йæ автортæ сты журнал «Альманах»-ы сæйраг редактор Бæдтиаты Юрий æмæ Мæскуйы литераторты Цæдисы сæргълæууаг Валерий Галечьян. Чиныг конд у дыууæ `взагыл, сты дзы æмдзæвгæты тæлмацтæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ уазджытæ нæ республикæйы уыдзысты 1-æм июльмæ. Уыцы `мгъуыдмæ сæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ. Фысымтæ дзырд радтой, сæ мæскуыйаг уазджытæ Ирыстонæй зæрдæхудтимæ кæй н` ацæудзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ссыдысты Мæскуыйаг литератортæ
Категория:
Новости и СМИ