Ног хъуыдытæ
Национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц нæ республикæйы, уый тыххæй та ныхас кодтой хицауады хæдзары. Æмбырды сæрдариуæг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Архайдтой дзы республикæйы хицауады сæрдары хæдивджытæ, Цæгат Ирыстоны æххастбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис æмæ районты разамонджытæ. Фылдæр се `ргом аздæхтой, паддзахады рæзты мадзæлттæм цавæр ног хъуыдытæ ис бахæссæн, ууыл. Хицауады уæнгтæ бæстонæй радзырдтой, цы куыст бакодтой, уый тыххæй. Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Хъесаты Игорь фæнысан кодта, национ проект «Демография»-ыл кусынц, уый. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Михаил Ратманов та загъта, национ проект «Здоровье»-йы фæлгæты цавæр мадзæлттæй пайда кæнын хъæуы, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг хъуыддаг у дæрддзæф хъæуты ног медицинон пункттæ саразын. Уый тыххæй фондз азы `мгъуыдмæ радих кодтой 642 милуан сомы, уыдонæй 577 милуаны сты федералон фæрæзтæ, 65 та - республикæйы æвæрæнтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Владимир Путин майы регионты хицаудзинады къабæзтæн бахæс кодта, цæмæй ахъуыды кæной ног национ проекттæ æххæст кæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног хъуыдытæ
Категория:
Новости и СМИ