Цæгат Ирыстоны скуыста æхсæнадон æххуысы штаб
Цæгат Ирыстоны скуыста æхсæнадон æххуысы Штаб. Мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ацы бынаты æмбырд кæндзысты республикæйы æхсæнады, фæсивæды минæвæрттæ, культурæйы, наукæйы, спорты архайджытæ, бархионтæ. Ныхас кæндзысты регионы ахсджиаг фарстатыл. Бынаты сывæллæттæн æмæ æрыгон адæмæн арæзт цæудзысты дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, интеллектуалон хъæзтытæ, цымыдисаг адæмимæ фембæлдыдтæ литературон изæртæ æмæ æндæр хъæугæ мадзæлттæ. Штаб байгом политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй. Ам ма бынаты Парламенты депутаттæ æмбæлдзысты цæрджытимæ, кæндзысты дзы юридикон æххуыс.