Сергей Меняйло федта Къесаты Астаны номыл уынджы рæвдауæндоны арæзтад
Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы федта Къесаты Астаны номыл уынджы сывæллæтты ног рæвдауæндоны арæзтад. Разы нæу куыстытæ æххæст кæныны æмгъуыдæй. Хъуамæ кæронмæ фæуой нысангонд æмгъуыдмæ. Йæ фиппаинæгтæ загъта куыстытæ æххæстгæнæг подрядон организацийы специалисттæн. Бæстыхай аразын райдыдтой сæрды райдиан. Дыууæ уæладзыджы бæсты ныры онг арæзт æрцыд иу. Объект эксплуатацийы раттын хъæуы афæдзы кæронмæ. Подрядчикы ныхæстæм гæсгæ, аххосаг уый у, æмæ кусджытæ нæ фаг кæны. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй ууыл раздæр хъуыды кæнын хъуыд. Дзуапдæттæг министрадæн бабар кодта уавæры тыххæй алы къуыри дзуапп хӕссын. Афойнадыл цы объекттæ арæзт не `рцæуой, уыдонӕн сӕ аххосджынты æфхæрдзысты закъонмæ гæсгæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ нацпроект «Демография» -йы фæлгæты республикæйы цалцæггонд цæуынц æндæр ахуырадон уагдæттæ дӕр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv