Хуссар Ирыстоны фæстаг фæндараст загътой фыссæг Харебаты Леонидæн
Мадæлон æвзагæн аккаг аргъ чи кодта, уыдонæй иуы абон фæндараст кæнынц Хуссар Ирыстоны. Йæ цардæй ахицæн зындгонд фыссæг Харебаты Леонид. Сфæлдыстадон кусæджы цымыдис кодта алцыдæр: уарзондзинад, паддзахады хъысмæт, адæмы ахастытæ, сывæллæтты цард æмæ афтæ дарддæр. Кæстæр фæлтæрмæ уæлдай хъæрмуд зæрдæ дардта, ныффыста сын цалдæр чиныджы. Фæндыд æй, цæмæй сæ рауайа фыдыбæстæйæн аккаг хъæбултæ, æмæ ууыл куыста йæ дзырды фарны тыхæй. Харебаты Леониды тыххæй - нæ цыбыр афæлгæсты. Спайда кодтам Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы æрмæджытæй. Харебаты Леонид адæмæн йæхи базонын кодта ивгъуыд æнусы æмбисы. Йæ фыццаг уацмыстæй фæстæмæ æрыгон фыссæджы чиныгкæсджытæ бауарзтой. Аив рæнхъытæй нывæзта уарзондзинад, хæстон цаутæ æмæ бинонты тыххæй. Фæлæ æцæг хъуыстгонд ссис йæ роман «Уарзт æмæ денджыз»-ы фæстæ. Афтæ `нтыстджын рауад, æмæ ма йæ суанг уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм дæр ратæлмац кодтой. Арæх-иу йæ уацмысты базонæн уыдис йæхи царды нывтæ. Уыцы миниуæг ын сæ кодта ноджы ирддæр. Дыууæ æнусы арæныл Хуссар Ирыстоныл цы фыдæвзарæн рæстæджытæ скодта, уыдон æнæфæзынгæ нæ баззадысты фыссæджы сфæлдыстады. Йæ уацмысты хъайтартæ арæх уыдысты хуымæтæг адæм, зындоны дуджы фыдты `хсæн-иу чи бахауд, ахæмтæ. Йæ дзырды фарн æнæрхъуыдыйæ нæ баззад: 90-æм азты йæ снысан кодтой газет «Хурзæрин»-ы редакторæй. Уым дæр та Харебаты Леонид йæхи равдыста иттæг дæсныйæ, адæмæн æрыгон республикæйы цардархайды тыххæй бæстонæй хъусынгæнгæйæ. Газеты сæргъы лæууын ын разамонæджы иунæг бынат нæ разынд. Кæмфæнды ма куыстаид, йæхи `вдыста фæзминаг хистæрæй. Сывæллæттæн цы чингуытæ фыста, уыдонæй та цалдæр бахастой ахуыргæнæн программæтæм. Йе `мкуыстгæнджыты зæрдæты баззад æцæг патриот æмæ хæрзæгъдау адæймагæй. Ахæм уыдысты йæ уацмыстæ дæр. Уымæн ын сæ адæм кæсынц цымыдисæй. Азтæ йыл сæ уæз куы `руагътой, уæддæр йæ удыхъæд нал аивта. Алчидæр æй уарзта æмæ йын аргъ кодта. Йæ ном та æнутсæм цæргæйæ баззайдзæн, æнæзæрдæхудтæй цы ирон адæмæн фæлæггад кодта, уыдоны зæрдæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны фæстаг фæндараст загътой фыссæг Харебаты Леонидæн
Категория:
Новости и СМИ