60-аздзыд цæрæгæй цæстфæлдахджытæ адавтой 21 мин сомы
Цæстфæлдахджыты ныхмæ дæр барадхъахъæнджытæ тох кæнынц, закъонхæлдтыты фæдыл аразынц сæрмагонд слестгæнæн мадзæлтæ. Иу ахæм цау æрцыд ацы бонты. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы хайадмæ æххуысагур фæсидтис горæты 60-аздзыд цæрæг. Цæстфæлдахджытæ йын йæ барчы картæйæ адавдтой 21 мин сомы. Пенсиисæг куыд радзырдта, афтæмæй æм телефонæй æрбадзырдта æнæзонгæ нæлгоймаг, йæхи схуыдта банчы кусæг. Системæйы къуылымпытимæ кусы, зæгъгæ, йæ бафарста йæ банчы картæйы æхцайы фæрæзты тыххæй. Сылгоймаг ын схъæр кодта, 60 мин сомы дзы кæй ис, уый. Уыйадыл дзы æнæзонгæ æрбадзурæг æрдомдта картæйы номыртæ, цæмæй, дам, йе ’хцайы фæрæзтæ ма фесæфой. Пенсиисæг мæнг банчы курдиат сæххæст кодта. Телефонæй ныхасгонд куы фæцис, уæд æй бамбæрста цæстфæлдахджыты азары кæй бахауд, уый. Банкмæ бадзырдта, цæмæй йын йæ хыгъд сæхгæной, фæлæ дзы уæдмæ фыдгæнджытæ раафтид кодтой 21 мин сомы бæрц æхца. Ацы цауы фæдыл байгом кодтой угодовон хъуыддаг. Мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуы управленийы кусджытæ йыл кусынц дарддæр. Сидынц цæрджытæм, цæмæй уой къæрцхъусдæр, æнæзонгæ адæмыл ма æууæндой æмæ хи тыххæй информаци æнæбары ма хъусын кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
60-аздзыд цæрæгæй цæстфæлдахджытæ адавтой 21 мин сомы
Категория:
Новости и СМИ