Сæрибардзинады фæзы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

Сæрибардзинады фæзы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ. Зæх къахт фесты, банывыл æй кодтой æмæ ныр рахызтысты фæз бетонæй æмбæрзынмæ. Æппæт коммуникацитæ, трамвайты хызæгтæй уæлдай, ауагътой зæххы бынты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй æххæстгонд æрцæудзысты æдасдзинады домæнтæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ, кæнынц сæ 9 мин квадратон метрыл. Фæзындзæн дзы ног фонтан дæр. Сæрибардзинады фæзæй - Горькийы уынджы онг, 10 мин квадратон метры равæрдзысты ног къæйдурæй. Пълан куыд æххæст кæнынц, уымæ æппынæдзух цæст дарынц Дзæуджыхъæуы администрацийæ. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, Сабырдзинады фæзы рацаразт фæуынвæнд кæнынц Уæлахизы боны 75 азы кадджын мадзæлттæм. Проспекты рахизфарс та йæ хуыз скалдзæн майы бæрæгбæтты фæстæ. Ныртæккæ фæндæгтæ цалцæггæгæн куыстытæ дæр сæ тæмæны сты. Æххæст сæ кæнынц «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» национ проекты фæлгæты. Ныридæгæн цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой Шмулевичы, Щукинты æфсымæрты, Гагарины номыл æмæ Зильгинскæйы уынгты. Уыимæ ма егъау рацарæзтмæ бавнæлдтой Весеннийы æмæ Цоколайы фырты номыл уынгты. Фæндæгтæ дзы фæуæрæхдæр кæндзысты æмæ дзы хæдтулгæтæй цæндтæ бирæ нал уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæрибардзинады фæзы дарддæр цæуынц арæзтадон куыстытæ

Категория:

Новости и СМИ