«Демография» национ проект куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны цы национ проекттæ æххæст кæнынц, уыдон ахадынц республикæйы социалон-экономикон рæзтыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Разамынд лæвæрдта «Демография»-йы национ проекты сæрмагонд æмбырдæн. Архайдтой дзы нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан, профилон мнистрадты æмæ комитеты разамонджытæ, стæй парламенты депутаттæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Демографийы национ проекты фæлгæты æххæстгонд цæуы цалдæр программæйы. Се`хсæн «Æнæниздзинад фидар кæнын», «Сывæллон цы бинонты райгуырд, уыдонæн æххуыс» æмæ æндæртæ. Æнæниз царды уаг парахат кæнынæн Цæгат Ирыстоны бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы, бафиппайдта Годжыцаты Тамерлан. Æмбæлгæ æвæрæн æм хæссы Медицинон профилактикæйы центр дæр. Уæдæ кинотеатрты алы кинонывы размæ дæр адæмæн æвдисынц сæрмагонд роликтæ. Дзыллон информацион фæрæзты та парахат кæнынц алыхуызон тематикон æрмæджытæ. Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг сывæллон цы бинонты райгуырд, уыдонæн æххуыс цæуы фиддонты хуызы. Æрвылмæй федералон бюджетæй рахай кæнынц 253 милуан сомы. Ахæм æххуыс исынц 2 225 бинонтæ, фидынц сын фæйнæ 9 мин сомæй фылдæр. Æртæ, кæнæ фылдæр сывæллоны куы райгуыры, уæд бинонтæ субсидитæ исынц республикæйы бюджетæй. Уый тыххæй хицауад æрвылмæй рахай кæны 7 милуан сомæй фылдæр. Проект «Хистæр Фæлтæр»-ы фæлгæты аразынц дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæ. 2024-æм азмæ ахуыртæ ацæудзæн 1 518 адæймаджы. Куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы хъуыддагæн фæрæзтæ бахъæуы 17 милуан сомæй фылдæр. Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы азы кæронмæ нæ республикæйы ног æвдауæндæттæ кæй аразынц, уый руаджы фæзындзæн 2 525 уæлæмхасæн бынаты. Ныртæккæ 3 азæй - 7 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæй рады лæууынц 700 -йæ. Фарстайыл къæпхæнгай куыст цæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Демография» национ проект куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй дзырдтой сæрмагонд æмбырды

Категория:

Новости и СМИ