Æлбегаты Барис аныхас кодта горæты цæрджитимæ
Зæнджиайы-фырты номыл уынджы, 84-æм хæдзары цæрджытæ аныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисимæ. Радзырдтой йын сæ аиуварсгæнинаг хъуыддæгты тыххæй. Бирæ рæстæг бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæ цæрæнбынатмæ сæхæдæг кастысты. Разамынддæттæг компанийы лæггæдтæ сæ нæ хъуыдысты. Фæлæ ног закъонмæ гæсгæ, хæдзарæн офицалон хуызы хъуамæ ахæм хицауиуæггæнæг хъуамæ уа. Горæты разамынды уæнгтæ хæдзары цæрджытæн бахæс кодтой афтæмæй цæрæнуæтты хицæутты æмхæларад саразын. Хæдзары цæрджытæ Æлбегаты Барисæн загътой бузныг, ивгъуыд аз сæм сæ кæрт саив кæнынмæ кæй фæкастис, уый тыххæй. Æлбегаты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы аз хæдзары кæртытæ рацаразынмæ бахардз кæндзысты 100 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æлбегаты Барис аныхас кодта горæты цæрджитимæ
Категория:
Новости и СМИ