Республикон тарниз дзæбæхгæнæн диспансер тагъд байгом уыдзæн
Базилдзысты тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ дæр. Уым цалдæр корпусы сты заууат уавæры. Ног аз сæ цалцæг кæнын райдайдзысты. Июны, бындурон цалцæджы фæстæ, байгом кæндзысты Арыдоны районы рынчындон. Дæрддзæф районтæм цæмæй медицинон æххуыс хæццæ кæна, уый тыххæй сифтонг кодтой фелшырон акушерон пункттæ. Æмæ фылдæрæй-фылдæр кæндзысты. Ацы аз хъуамæ фæзыной Куыртатты, Майскийы æмæ Октябырскæйы хъæуты. Уый Мæздæджы районы. Тарскæйы, Сунжæ æмæ Хъызлары та байгом кæндзысты амбулаторитæ. Фæзындзæн ма нæм вертолет дæр, цæмæй рынчынтæн ноджы хуыздæр æххуыс кæной. Цалцæггæнæн куыстыт фесты Алагиры æмæ Рахизфарсы районты рынчындæтты. Фæцæттæ кæны Мæздæджы поликиникæ. Уæдæ, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы медицинон объект дæр тагъд байгом уыдзæн. Тарниздзæбæхгæнæн диспансер. Сарæзтой йæ «Цæгат Кавказы Федералон зылды рæзты» паддзахадон программæмæ гæсгæ. Нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæ абон уыди уым æмæ йæхи цæстæй федта, рынчындон куы цæттæ у æмæ цæмæй ифтонг у, уый. Афæдз æмæ 8 мæймæ Южныйы поселоччы сæвзæрд нырыккон медицион уагдон. Фыдæбоныл кодтой 400 адæймагæй фылдæр. Куыстытæ дзы иу сахат дæр не рлæууыдысты. Республикон тарниз дзæбæхгæнæн диспансеры ныр ис 10 корпусы. Ацы рынчынтæм уæлдай хуызы цæстард хъуамæ уа. Кæрæдзийæ сæ хицæн кæнын хъæуы. Ныртæккæ сын ахæм фадат фæзынд. «Мæ бон у зæгъын афтæ, æмæ æгас цæгат кавказы нæ, фæлæ абон уæрæсейы дæр ахæм рынчындон нæй, тарниз кæм дзæбæх кæнынц, ахæм рынчындон. Йæ парахат бынæттæй, йæ парахат корпустæй, йæ ног медицинон кусæнгæрзтæй, медицинон дзаумæттæй уын æмбал нæй», - республикон тарниз дзæбæхгæнæн диспансеры сæйраг дохтыр Малиты Батарбег. Медицинон уагдоны ис 276 адæймагæн бынат. Рынчынты уæтты ис дыууæ кæнæ æртæ бынаты. Дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн. Уæлдай æргом аздæхтой се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у,уыдонмæ. Ам сын сарæзтой æппæт хъæугæ уавæртæ. Агуъыстытæ сты уæрæх æмæ райдзаст. Гæрзтæ та æнцон архайд. Уæдæ абанатæ дæр цæттæ. Алы рынчынæн дæр фадат уыдзæн уатæй æнæ рацæугæйæ медицинон хомæ сæрмагонд дзæнгæрæджы руаджы фæдзурын. Аив æмæ райдзаст рауад сывæллæтты поликлиникæ дæр. Ацы бæстыхаймæ раздæхтой уæлдай æргом. Малиты Батарбеджы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæн æнцон уавæртæ саразын у ахсджиаг. Хъуамæ сывæллæттæ дохтыртæй ма тæрсой фæлæ сыл æнæ дызæрдыгæй æууæндой. Цæмæй низ ма стыхджын уа,уый тыххæй фыццаджыдæр хъæуы афойнадыл раиртасын. Диспансеры сæйрагдæр хайадтæй иу у- рентген кæм кæнынц уыцы агъуыст. сифтонгæй кодтой нырыккон технологитæн дзуапп чи дæтты ахæм аппараттæй. Йæ химион уылæнтæ адæймаджы тынг нæ бахъуыгдарынц. Операцион хайадæй дæр зæрдæ рухс кæны. Æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæ дæр дзы ис. Кæд æмæ раздæр Уæрæсейы раззагдæр рынчындæттæм хæлæг кодтам, уæд ныр уавæр зынгæ фæивта, зæгъы сæйраг дохтыры хæдивæг Къобесты Николай. Раззагдæр операци гæнæн стъæлттæ, автоматикон системæйæ чи кусы, уыцы кусæнгæрзтæ фæхуыздæр сты. Реанимацийы хайад дæр цæттæ у. Бынат дзы ис 6 рынчынæн. Гæрзтæ иууылдæр автоматикон сты. Цæмæй рынчыны тыхст фенцондæр уа,уый тыххæй дзы ис сæрмагонд хуыссæнтæ. Се `руаджы рынчыны алырдæм æрзилæн дæр ис. Уымæй уæлдай ма дзы ис ныррыкон рæуджыты уылæфæн гæнæн аппарат дæр. Ахæм авналæнты фæрцы дохтыртæн дæр æнцондæр уыдзæн. Диспансеры авналæнтæ дзæвгар фæхуыздæр сты уый дызæрдыккаг не сты. Бынтон æхсызгондæр та уый у æмæ Малиты Батарбегы ныхæстæм гæсгæ тар низæй рынчын чи у, уыдоны нымæц къаддæрæй къаддæр кæнынц. Кæд æмæ 2013 азы тарнизæй фæрынчын ис 350 адæймаджы, уæд 2018 азы сæ нымæц у - 272 адæймаджы. Ахæм бæрæггæнæтæ дохтыртæ æнæмæнг разы сты. Сæ ныфс дарынц фидæны уавæр ноджы кæй фæхуыздæр уыдзæн. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикон тарниз дзæбæхгæнæн диспансер тагъд байгом уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ