9-æм маймæ арæзт мадзæлттыл æрныхас кодтой республикон цæттæгæнæн комитет «Победа»-йы æмбырды
9-æм маймæ арæзт мадзæлттыл æрныхас кодтой республикон цæттæгæнæн комитет «Победа»-йы æмбырды, амыдта йæ Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæйы уавæр хынцгæйæ хъæуы æдасдзинады домæнтæ фæкарздæр кæнын, бæрæгбон бæрзонд æмвæзадыл арвитын. Сæрмагонд мадзæлтты пъланмæ бахастой 90 пункты. Ацы аз бæрæгбоны агъоммæ фиддон райдзысты республикæйы 680 цæрæджы. Уыдон сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ æмæ инвалидтæ, «Жителю блокадного Ленинграда» нысаны хицæуттæ, хæсты архайджыты идæдзтæ. Сергей Меняйло финансты министрадæн бабар кодта, цæмæй республикон бюджетæй фæрæзтæ афоныл радих кæной, цæмæй фиддон кæмæн æмбæлы, уыдон сæ 9-æм майæ раздæр райсой. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалон комплекстæм базилыныл. Æмбæлгæ куыстытæ фæуыдзысты 1-æм маймæ. Цæгат Ирыстоны алы районы дæр республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй ацæудзæн традицион акци «Посмотри на их лица». Сергей Меняйло бахæс кодта регионы рекламон фæйнæджытыл хæсты архайджыты портреттæ равæрын. Æмбырды ма ныхас цыд Уæлахизы парад, бæрæгбоны салют æмæ акци «Æнæмæлгæ полк» бацæттæ кæныныл. Сергей Меняйло ма бахæс кодта 9-æм майы республикæйы базарты куыст бауромын.