5 тоннæйы бæрц нуазыны дон Цæгат Ирыстонæй арвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ
5 тоннæйы бæрц нуазыны дон Цæгат Ирыстонæй арвыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Нæ æфсæддонтæн ахæм æххуыс бакæныны хъæппæрис разынд Засеты Георгиймæ. Амалхъом адæймаг сæрмагонд æфсæддон операцимæ æххуыс фыццаг хатт не 'рвиты. Гуманитарон уæз бынатмæ хæстæгдæр рæстæг фæхæццæ кæндзысты адæмон фронты уæнгтæ проект "Все для победы"-йы фæлгæты. Хæрзгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, нæ æфсæддонтæн Ирыстойнаг дон уæлдай æхсызгон уыдзæн райсын, æнæмæнг сын уый тых дæтдзæн.