Фыранк Эльбрусы Хуссар Ирыстоны дарддæр агурдзысты
Фыранк Эльбрусы агурæн мадзæлттæ Хуссар Ирыстоны райдайдзысты, мит хæхбæсты куы атайа, уæд. Уый та август æмæ сентябрæй раздæр нæ уыдзæн. Уый тыххæй агентад «Sputnik»-æн радзырдта Хуссар Ирыстоны геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты разамонæг Бестауты Бала. Кавказаг фыранчы фæдтæ ссарыныл зилдзысты Бурхохы фæхстыл. Иумæйаг тыхтæй йæ агурдзысты Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрад, стæй геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты кусджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, леопард Эльбрус фесæфт декабры, Хуссар Ирыстоны хæхты. Хъуырбосы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, къуыри йæ бынатæй не змæлыд. Цы йыл æрцыд, уый абон дæр бæрæг нæу. Спутниччы нысæнттæм гæсгæ, сырд кæнæ æххормагæй амард, кæнæ йæ хъуырбос йæхæдæг ратыдта. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ Азиаг фыранчытæ Эльбрус æмæ Волна Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой ивгъуыд аз, июлы. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ сæ сахуыр кодтой æрдзон уавæрты хæдбарæй цæрыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыранк Эльбрусы Хуссар Ирыстоны дарддæр агурдзысты
Категория:
Новости и СМИ