Дæргъæвсы, Мæрдты Сахары зæппадзæй систой стæгдартæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Социалон хызты ацы бонты апарахат иу видеоæрмæг. Дзырддаг сси Цæгат Ирыстоны цæрджыты хсæн. Систой йæ Дæргъæвсы, Мæрдты Сахары. Уым Зæппадзтæй иуæй систой адæймаджы стæгдардтæ. Мæнæ уыцы кадтæ уæхæдæг дæр уынут. Уый фæдыл адæм сабухтой, ай цы хабар у, зæгъгæ. Хъуддажы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд Иры Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан дæр. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Дæргъæвсы цæмæй ахæм митæ ма цæуа, уый тыххæй хъæуы æдасдзинады домæнтæ сæххæст кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мæрдты Сахары ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ йæ хъахъæнынц, фæлæ мидæмæ бацæуыны тыххæй адæмæй цæмæдæр исынц æхца. Фарста дзырддаг сси ирон æвзаджы паддзахадон къамисы æмбырды дæр. Кучиты Русланы ныхæстæм гæсгæ, Мæрдты Сахар у уæлмæрд æмæ йæм куыд æмбæлы, афтæ хъуамæ цæстдарой. Уæлдай дæр объект кæй бæрны ис, уыдон. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ Дæргъæвсы историон-этнографион комплекс «Мæрдты Сахар» Цæгат Кавказы у æппæты егъаудæр. Нымад у Цæгат Ирыстоны Национ музейы филиалыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дæргъæвсы, Мæрдты Сахары зæппадзæй систой стæгдартæ

Категория:

Новости и СМИ