Хионæй зынаргъдæр уазджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Хъысмæт алы рæтты кæй байтыдта, уыцы адæмыхæттытæм ахæсгæ сты ирæттæ дæр. Цы нæ континентыл цæрынц, иу ахæм нал баззад. Сæ дзæвгар хай афтыд Туркмæ. Ныр дæр сæ фæдонтæ уым сты. Абон та нæм нæ телекомапнимæ уазæгуаты сæмбæлдысты Хъуыбадты Айтек æмæ Æлбегты Лейлæ. Бафæндыд сæ, ирон æвзаг æмæ ирон культурæ цы фæсивæд хæссынц, уыдоны хи цæстæй фенын æмæ фехъусын. Арæнтæй хицæнгонд хотæ æмæ æфсымæрты тыххæй – Хъулаты Юрий. Исчи иуварсæй куы рбакастаид ацы фембæлдмæ, уæд æй æвзаргæ дæр нæ ракодтаид, уазджытæ нæм ис, уый. Раст афтæ нæ ныхас кæрæдзиуыл бадт, раст афтæ кæрæдзийы æмбæрстам. Хъуыбадты Айтек Турчы цæрæг ирæтты `хсæн нымад у. Дæс азы фæкуыста ирон æхсæнады сæрдарæй, архайдта, райгуырæн зæххы уæлдæф сæ царды фыццаг бонтæй кæй фыдæлтæ сулæфыдысты, уыдоны кæрæдзимæ æрбангом кæнын. Æмæ йын æнтыстис. Йæ риуыл хуыд у фыдыуæзæг, уымæн сты йе `нкъарæнтæ дæр сывæллонау æнæхин æмæ æргом, нæ телекомпанимæ куы `рбакъахдзæф кодта, уæд. Уæдæ ирон фынджы уæлхъус Ирыстонæй уазджытæ Турчы кæй фæрцы æрбадынц, уый та Æлбегты Лейлæ у. Стамбулы бæстастæу байгом кодта ирон хæринæгты ресторан, нымад у бынæттон цæрджыты æмæ сахары æнæнымæц уазджыты `хсæн. Уый нæ, фæлæ ма йæ Гардиан бахаста Турчы 10 хуыздæр рестораны номхыгъдмæ дæр. Лейлæ Ирыстонмæ куы `рбафты, уæд æппынæдзух архайы ног истытæ базоныныл. Чысыл рæстæджы фæстæ та уый руаджы йæ рестораны хойраджы хуызтæ фæфылдæр вæййынц. Нæ дзы рох кæны уды хъæздыгдзинад дæр - йæ алыварс чи ис, уыдоны архайы мадæлон æвзагыл фæцалх кæныныл. Нæ телекомпанийы уæвгæйæ дзы уый нæ ферох. Нæ телекомпанийы уавæртæ æмæ авналæнтæ фенгæйæ уазджытæн сæ хъуыды фæфидардæр. Дунеон цауты аххосæй чысыл адæмтæ хатт байсысынц егъаудæрты `хсæн. Йæ дадзинты ма ирон туг кæмæн згъоры, уый ахæм фæндагыл ай-гъай нæ ацæудзæн. Æмæ уæлдай нæу, кæмфæнды куы цæра, уæддæр. Ахæм зондыл хæст сты нæ уазджытæ дæр. Æхсызгон сын куыннæ уыдаид уæдæ сæ рагон зонгæты фенын. Афтæ – махæн дæр. Рæстæг тыхджын у, боны зилдухæнты арæх адæймаджы йæ къæхты бынмæ `ркæсынмæ дæр нæ февдæлы. Фæлæ æгайтма нæ бон кæрæдзимæ мидбылхудтимæ иу æвзагыл дзурын у. Айтек æмæ Лейлæйы хуызæн адæймæгтæ уыцы фарн дæттынц ног фæлтæртæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хионæй зынаргъдæр уазджытæ

Категория:

Новости и СМИ