Цæгат Ирыстоны Промышленносты райрæзты фонды куысты здæхтытыл дзырдтой,

Цæгат Ирыстоны Промышленносты райрæзты фонды куысты здæхтытыл дзырдтой, премьер Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым. Архайдтой дзы промышленность æмæ инвестициты министр Мæрзойты Владимир, финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана Карова, Промышленносты райрæзты фонды директоры хæстæ æххæстгæнæг Кучиты Сослан æмæ регионы промышленнон куыстуæтты разамонджыьтæ. Æрдзырдтой, фонд фарон цы куыст бакодта, стæй ацы аз цавæр проекттæн баххуыс кæндзæн, ууыл. Фонд байгом 2022-æм азы. Абон йæ капитализации у 330 млн сомæй фылдæр. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, фонд 8 куыстуатæн æфстау радта 260 млн сомы. Афтæ сæ архайд сног кæндзысты згъæртæ, дур, мебель æмæ бетон аразæг куыстуæттæ. Ацы аз фонды гæнæнтæ фæфылдæр уыдзысты 180 млн сомы бæрц. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй промышленносты къабазмæ кæддæриддæр стыр æргом здахын хъæуы. Промышленнон куыстуæтты разамонджытæ радзырдтой сæ пълæнтты тыххæй, кокндад фæуæрæхдæр кæныны нысæнттæ фæбæрæг кодтой. Ахæм гæнæнтæ сын фæзынд Промышленносты райрæзты фонды фæрцы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
26 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии