Хæныкъаты Алыксандр у - Æппæтадæмон олимпиадæйы уæлахиздзау менталон арифметикæйæ
Зын фæлтæрæнтæ хынцын алы адæймагæн йæ бон нæ бауыдзæн. Фæлæ нæ дарддæры æрмæджы архайæгæй афтæ нæ зæгъдзынæ. Хæныкъаты Алыксандр у - Æппæтадæмон олимпиадæйы уæлахиздзау менталон арифметикæйæ. Уымæн йæ бон у арифметикæйы зындæр хæслæвæрдтæ цалдæр секундæ бахынцын. Стыр курдиатыл хæст сывæллонимæ базонгæ сты нæ уацхæсджытæ. Уыдонæн ныхасы бар. Цыбыр рæстæджы æмгъуыдмæ - дзуапп цæттæ. Хæныкъаты Алыксандр менталон арифметикæйы къорды архайы 3 мæйæ фылдæр. Ныридæгæн йæ къухы бафтыд бирæ æнтыстдзинæдтæ. Æрæджы архайдта Æппæтадæмон олимпиадæйы менталон арифметикæйæ, Сочийы. Уым дæр та разынд хуыздæр. Хæныкъаты Алыксандр, Æппæтадæмон олимпиадæ «ISMA плюс друзья»-йы уæлахиздзау менталон арифметикæйæ: «Раздæр тынг тыхстæн, мыййаг куынæ сарæхсон зæгъгæ, фæлæ уый фæстæ мæ тыхтæ æрымбырд кодтон æмæ хæслæвæрдтæ баххæст кодтон. Олимпиадæйы тыххæй та базыдтон августы». Хæныкъаты Алыксандры ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бонæй бонмæ сæ сывæллон хуыздæр хынцы. Ссис къæрцъхъусдæр. Уыимæ ма тагъддæр хъуды кæнын райдыдта. Хæныкъаты Сослан, Алыксандры фыд: «Рагæй нæ фæндыд, цæмæй нæ сывæллон ацы къордмæ бацæуа, уый тыххæй. Йæ зæрдæмæ фæцыд. Куыд æм кæсын, афтæмæй йæ зонындзинæдтæ дæр фæбæрзонддæр сты. Менталон арифметикæйы сæхи цы сабитæ фæлварынц, уыдон бынтон æндæр хуызæн сты. Иннæ сывæллæттæй хицæн кæнынц». Нæ республикæйы менталонарифметикæйы сæхи фылдæр адæм фæлварынц. Гом кæнынц ног скъолатæ, уæдæ сæ ахуырдзауты нымæцыл дæр æфты. Менталон арифметикæйы скъолайы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы къорд чи равзара, уый ницæуыл фæфæсмон кæндзæн. Гогаты Янæ, сывæллæтты зонындзинæдты райрæзты центры директор: «Бирæ адæм афтæ æнхъæлынц, æмæ менталон арифметикæйы æрмæстдæр нымайгæ кæнынц. Раст зæгъгæйæ та, сывæллоны хъуыдыкæнынад ивы. Уыимæ саби скъолайы хорз бæрæггæнæнтæ æрмæст математикæйæ нæ исдзæн, фæлæ ма иннæ предметтæй дæр». Радон конкурс та ахицæн. Хæныкъаты Алынксандрмæ ма та - ноджыдæр иу сызгъæрин майдан. Фидæны нырма бирæ конкурстæ уыдзæн. Лæппу сæм цæттæ у. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæныкъаты Алыксандр у - Æппæтадæмон олимпиадæйы уæлахиздзау менталон арифметикæйæ
Категория:
Новости и СМИ