Йæ юбилей бæрæг кæны комплексон реабилитацион-ахуырадон центр
Афтæ хъазты хуызы сабитæ урс тымбылæгты 'хсæн хуызджын чысыл пурти агурынц. Ацы агъуыстыты æппæт уавæртæ дæр ис уроктæн. Сабитæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитгæйæ ахуыр кæнынц хуызтæ, ног дзырдтæ, сæ алыварс цы адæм ис, уыдонимæ хи куыд дарын хъæуы, уый базонынц. Сывæллæттæ райдайынц хуыздæр дзурын, фæбæрзонддæр вæййы сæ хъуыдыкæнынад. Фыццаджыдæр сабитимæ хицæнæй кусынц логопедтæ, психологтæ, дефектологтæ. Ахуырты цы базыдтой, уый фæстæдæр сфæлхат кæнынц иумæйаг урокты. Ацы сывæллæттæ центрмæ афæдзæй гыццыл фылдæр цæуынц, æхсызгонæй æмархайд кæнынц сæ æмгæрттимæ. Къордтæ адих кодтой сывæллæтты кармæ гæсгæ. Афтæ сæхицæн æнцондæр у. Кæрæдзимæ кæсгæйæ разæнгард кæнынц. Зын дæр сын цы дамгъæтæ сдзурын вæййы, уыдон базонынл дæр архайынц. Ахсджиагдæр у, цæмæй саби сахуыр уа йæ хъуыды æххæст дзурын. Фыццаг уал иу дзырд, уый фæстæ дыууæ ныхасы æмæ афтæ дарддæр. Кæронбæттæны та сывæллæттæ саразынц æххæст хъуыдыйæдтæ. Лалыты Мурат æрæгмæ сдзырдта. Æртæ азы йыл куы цыд, уæд йæ мад æххуысмæ æрбацыд центры специалисттæм. Ныртæккæ Мурат æнцонæй йæ хъуыдытæ бæтты, йæ ныхас та хъæздыгдæр кæны. Æппынæдзух дæр вæййы центры ахуырты. Ацы агъуысты кæстæр къорды сабитæ вæййынц. Ам специалисттæ сабиты къухы æнгуылдзты змæлдыл архайынц. Фыццаг уал фæцæттæ кæнынц чысыл фигурæтæ. Фæстæдæр сын сæ хæслæвæрдтæ фæзындæр кæнынц. Афтæмæй сæ ахуыр кæнынц цавæрдæр æмгъуыдмæ уыцы иу архайдыл хæст уæвыныл. Центры æххуыс кæнынц аутизм кæмæ сбæрæг, уыцы сабитæн дæр. Се 'ргом здахынц хъусæй æвзæр чи хъусы, цæстæй æвзæр чи уыны æмæ къахæй рæстæмæ чи нæ цæуы, уыдонмæ дæр. Ныртæккæ ам ахуыр кæны 73 сывæллоны. Ацы аз реабилитацион-ахуырадон центры равзæрдыл æххæст кæны фондз азы. Уыцы рæстæгæ специалисттæ баххуыс кодтой сæдæгай сывæллонæн. Ам сабиты исынц афæдзы алы афоны дæр.