«Зæрдæйæ зæрдæмæ»
Социалон армукъа арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Мадзал бацæттæ кодтой социалон лæггæдты центры кусджытæ. Йæ сæйраг нысан у – центры архайд равдисын. Кадджын уазджыты 'хсæн уыдысты нæ республикæйы хицауад, центры лæггæдтæй чи пайда кæны æмæ чи спайда кæнинаг у, уыдон. Мадзал аразджытæ радзырдтой, æххуысхъуаг адæммæ се `ргом куыд здахынц, уый. Алкæй бон дæр кæй у центрмæ æрбацауын. Центры кусджытæ архайынц æмбæлгæ æххуыс бакæнын, зын уавæры чи бахауд, уыдонæн: сæ бон у хæдзары куыстытæ бакæнын, кæнæ сывæллонмæ цæст фæдарын. Ацы аз центры лæггæдтæй спайда кодтой 6 мин адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Зæрдæйæ зæрдæмæ»
Категория:
Новости и СМИ