Тыхджын къæвдайы фæстæ Кисловодскы уынгтæ доны бын фесты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Знон изæрæй Дзæуджыхъæуыл цы тæрккъæвда æрцыд, уый ацы хатт уадиссагæй ницы равдыста. Махмæ... Фæлæ йæ тых æххæстæй бавзæрста Кавказы Минералон дæтты регионыл. Зæгъæм, мæнæ уын ныртæккæ цы кадртæ равдисдзыстæм, уыдон адæм систой Кисловодскы. Арвы цыхцырджытæ уайтагъд горæты уынгтæ донæй айдзаг кодтой, рауад сæ æцæг цæугæдæттæ. Къæвда уынджы кæй æрцахста, уыдон сæхи `мбæхсынмæ фесты. Хæдтулгæты хицæуттæ та се `фсæн бæхтæй æддæмæ нал уæндыдысты. Къæвдайы лæсæнтæ сæхи рауагътой Кисловодскы алы уынгыл дæр, фæлæ дзы æппæты тынгдæр æрхауд Октябры 40 азы номыл уынгмæ. Адæмы ныхæстæм гæсгæ, суанг ма дзы иуæй-иу рæтты асфальты гæбæзтæ дæр стыдта. Видеокадрты бынмæ адæм ныууагътой, Дзæуджыхъæуы цæрджытæн дæр зонгæ чи у, ахæм ныхæстæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, горæты канализацион системæ фаг хуызæн арæзт нæу. Уымæ гæсгæ, æрвылхатт тыхджын къæвдайы фæстæ йæхæдæг донарæхæй фæхуыдуг вæййы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тыхджын къæвдайы фæстæ Кисловодскы уынгтæ доны бын фесты

Категория:

Новости и СМИ