Чи цы цæстæй кæсы «Зæдты горæт»-мæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Беслæны мемориалон уæлмæрдæн æхца радих кæныны фарста хæстæгдæр рæстæг хъуамæ лыггонд æрцæуа. Ахæм домæн Битарты Вячеслав сæвæрдта сæрмагонд æмбырды. Архайдтой ма дзы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберт, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан. Куыд зонут, афтæмæй знон Мемориалон уæлмæрды разамонæг Рæмонты Хъасполат интернеты ныммыхуыр кодта хъусынгæнинаг. Загъд дзы ис, 2 азæй фылдæр уæлмæрдæн æхца кæй нæ дæттынц, уый тыххæй. Республикæйы сæргълæууæгмæ уый диссаг фæкаст. Уымæн æмæ «Зæдты горæтæн» æхца радих кæныны уынаффæ раджы бафыста. Ныр йæ уынафæ æххæстгонд цæуыннæ æрцыд, уымæн æмбырды дзуапп бадомдта. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберты ныхæстæм гæсгæ, æхца уæлмæрды разамындмæ фæхæццæ кодтой. Ахæм дзуаппæй республикæйы сæргълæууæг разыйæ нæ баззад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Чи цы цæстæй кæсы «Зæдты горæт»-мæ

Категория:

Новости и СМИ