Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ рабæрæг кодтой наркотиктимæ баст цау
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ рабæрæг кодтой наркотиктимæ баст цау. Сæрмагонд рейды рæстæг барадхъахъхъæнджыты цæст æрхæцыд æрыгон нæлгоймагыл. Йæ миниуджытæм гæсгæ йыл фæгуырысхо сты. Пъæлицæйгæтæ райдыдтой йæ фæдыл зилын. Фæстæдæр цы таксийы цыд, уый бауырæдтой. Сгарæн-агурæн мадзæлтты рæстæг нæлгоймаджы уæлæдарæсы ссардтой тыхтонтæ урс буаргъæдимæ. Закъонхалæг разынд 25- аздзыд Стъараполы цæрæг. Фæхæццæ йæ кодтой Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 2-æм хайадмæ. Уым йæ аххосыл басаст. Цы наркотик хæццæ хос æм ссардтой, уый уæй кодта. Мидхъуыддæгты министрады экспертты иртæстыты хатдзæгтæм гæсгæ буаргъд разынд мефедрон, йæ уæз 164,9 граммы. Иу хатт спайда кæмæй уыд, ахæм 830 тыхтоны. Ныртæккæ Стъараполы цæрæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Сæры зонд чи æмхæццæ кæны, ахæм хосты парахаты тыххæй фыдгæнæг гæнæн ис æмæ ахæстоны фæбада 20 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ рабæрæг кодтой наркотиктимæ баст цау
Категория:
Новости и СМИ