Сергей Меняйло паддзахадон хæрзиуæг саккаг кодта Сугъараты Андрейӕн
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло паддзахадон хæрзиуæг саккаг кодта 58-ӕм гвардион, Суворовы ордены ӕфсады службӕгӕнӕг Сугъараты Андрейӕн. Сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй 70-æм мотоæхсæн полчы 42-æм дивизийы 58-æм гвардион ӕфсады майор Сугъараты Андрей хорзæхджынгонд æрцыд "Ирыстоны намысы" майданæй. Республикæйы сæргълæууæг Сугъараты Андрейæн раарфæ кодта кадджын паддзахадон хæрзиуæджы фæдыл, майоры лæгдзинад фæнысан кæнгæйæ. Йæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ службæйы.