Сæрмагонд æрфарст
Цæгат Ирыстоны хи хæдзæрттæ аразынæн цавæр къуылымпыдзинæдтæ ис æмæ республикæйы цæрджыты сæ аиуварс кæнынæн цавæр æххуыс хъæуы? Ахæм фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой Уæрæсейы Æхсæнадон Палатæйы сæрмагонд æрфарсты. Хъæппæрис разынд йæ уæнг, Леонид Шафировмæ. Уый уымæн æмæ ныртæккæ Уæрæсейы Хицауад Хи Хæдзæрттæ Аразыны федералон программæйы проектыл кусын кæй райдыдта, уый тыххæй. Афтæмæй, бахъуыд цæрджытæ ацы хъуыддаджы фæдыл цы хъуыды кæнынц, уый базонын. Сæрмагонд æрфарст ацыдысты 400 адæймагæй фылдæр - Цæгат Кавказы Федералон Зылды чи цæры, ахæмтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй цæрджытæн сæ фылдæр хи хæдзæрттæ аразынмæ æмхыц сты. Афтæмæй сæ бон у адæмон экспертты ном хæссын, зæгъынц хъусынгæнинаджы. Фылдæр æрфарсты бацархайдтой цæгатирыстойнæгтæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыдонæй 80% зыгътой - хи хæдзæрттæ нæ аразæм, кредит райсынæн бæрзонд бæрц кæй ис, уый тыххæй. Стæй иннæ хÆрдзтЫл дæр бирæ æхца кæй хъæуы, уымæн. Се'хсæн ис æнæуи дæр кредит райсын зын кæмæ кæсы уыцы 10%-ы. 17% та схъæлæс кодтой, зæххы гæбаз асламæй сæ бон ссарын кæй нæу, ууыл. Цы ран æмæ сæ цы уавæрты хъæуы, уым. Уыимæ ма цæмæй дзы гæнæнтæ уа хи хæдзарад уæрæх кæнынæн. 53% загътой, хи хæдзæрттæ нæ аразынц, цы зæххытæ сæм ис, уыдон фæндагæй, кæнæ куыстæй æмæ ахуырадæй, дард кæй сты, уый тыххæй. 44%-æн та къуылымпыдзинад у арæзтадæн æхца кæй нæ фаг кæны, уый. Ома æрмæст хæдзар сарзынæн нæ, фæлæ дарддæр уым цæрынæн уавæрттæ саразынæн. Хъалонтæ æмæ коммерцион лæггæдтæй зæгъынц. Аххосæгты хсæн ма разынд, хæдзармæ газ, дон æмæ свет бауадзын адæмы бон кæй нæу, уый. Кæцыдæртæ сæ ныфс нæ дарынц бынæттон хицауады æххуысыл. Æрфарсты 3% -мæ ма разынд ахæм хъуыды, хæдзæрттæ сæ аразын кæй фæнды хъæууон хæдзарадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм зæххытыл. Фæлæ уымæн, куыд æй зонæм, афтæмæй бар нæй. Адæм сæ фылдæр нымайынц, хи хæдзар саразын - уæлдай ахсджиаг хъуыддагыл, цæмæй æндæр регионтæм цæрджытæ ма лидзой, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæрмагонд æрфарст
Категория:
Новости и СМИ