Елхотты кусы спортивон дзæбæхгæнæн комплекс
Нæ республикæйы дарддæр кусынц федералон программæтыл. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй ныртæккæ цалцæггонд æмæ арæзт цæуынц социалон-культурон æмæ спортивон бæстыхæйттæ. Ахæм спортивон бæстыхайы арæзтадон куыстытæ æрæджы кæронмæ фесты Елхоты. Уым иу афæдзмæ фæзынд ног спортивон дзæбæхгæнæн комплекс. Арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2017-æм азы. Уæд Елхоты цæрджытæ хъуыды дæр нæ кодтой, ахæм егъау бæстыхай сын кæй сараздзысты, ууыл. Стыр куыст цыдис Кировы районы хицауады рдыгæй дæр. Сæйрагдæр у уый, æмæ ныртæккæ хъæуы цæрджытæн сæ бон у бацæуын æмбæлгæ уавæртæ кæм ис, ахæм бынатмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхотты кусы спортивон дзæбæхгæнæн комплекс
Категория:
Новости и СМИ