Дыгорайы сарæзтой муниципалон скондты æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны районты сæйраг райхалинаг фарстатыл дзырдтой абон муниципалон скондты æмбырды. Сарæзтой йæ Дигорайы. Разамынд ын лæвæрдта Кировы районы администрацийы сæргълæууæг Накусаты Барис. Бацархайдтой дзы республикæйы иннæ районты сæргълæуджытæ, стæй культурæ æмæ ахуырады къабазы разамонджытæ æмæ æхсæнадон кусджытæ. Республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башарина радзырдта ног рæвдауæндæтты рацарæзты тыххæй. Уымæй уæлдай ма ныхас цыд, районты скъолаты робототехникæйы къордæ кæй байгом уыдзысты. Æдыппæтæй хъуамæ уой 40. Ахуыргæнджыты бацæттæ кæндзысты технопарк «Кванториумы» кусджытæ. 2019 азмæ пъланмæ цы куыстытæ хъуамæ бакæной, уый тыххæй радзырдта Цæгат Ирыстоны Культурæйы министр Къубалты Эльбрус. Куыд загъта, афтæмæй ацы аз æргом аздахдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл уынгты, цыртдзæвæнты æмæ мемориалон фæйнæджыты уавæрмæ. Уымæй уæлдай ма, æмбырды архайджытæ ныхас кодтой нациты хсæн бастдзинады фарстатыл. Уымæ дæр уыдзæн лæмбынæг цæстдард. Муниципалон скондты радон æмбырды ма архайдта Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хайады хицау Александр Данилов. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрды райдайæны, уæлдай ахсджиаг у фылдæр æргом сывæллæтты уылæфæн бонты рæстæг æндасдзинадмæ аздахын. Найæн бынæтты уавæртæ сты æвзæр. Стæй фаг кæй не сты, уый дæр дзырддаг у. Уый фæдыл районты разамонджытæн бахæс кодтой, хъуыддагмæ æркæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дыгорайы сарæзтой муниципалон скондты æмбырд

Категория:

Новости и СМИ