Сывæлæтты 'хсæн каратэйæ республикон турнир ацыд Дзæуджыхъæуы
Сывæлæтты 'хсæн каратэйæ республикон турнир ацыд Дзæуджыхъæуы. Хуыздæр спортсментæ райстой лæвæрттæ компани "Дюбуа"-йæ. Ерыстæ ацыдысты фыццаг хатт. Сæ архайджыты нымæц чысыл нæ уыд. Спортивон мадзал сæмбыр кодта 150 æвзонг чызг æмæ лæппуйы, 6 азæй 13 азы онг кæуыл цæуы, ахæмты. Се 'хсæн, спорты ацы хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон дæр. Ерысты кадджын уазджыты 'хсæн республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы ерыстæ сты 'вдисæн бизнесæн йæ бон ахадын кæй у æнæниздзинад цардыуаг парахат кæнынмæ.