Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъвдтой. Азымджытæй иу йæхицæн ног адвокат кæй не `ссардта уый тыххæй. Уый тæрхондонмæ балæвæрдта курдиат цæмæй йын паддзахадон фарсхæцæг снысан кæной. Уымæй уæлдай ма æмбырдмæ нæ сæмбæлд Цъыккаты бинонты адвокат Виталий Зубенко дæр. Уый «Зона права», зæгъгæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг организацийы минæвар у. 17-æм июны тæрхондонмæ балæвæрдта курдиат, цæмæй йын хъуыддагмæ æркæсынмæ радих кæной 10 боны. Радон æмбырд уыдзæн 28 июны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Категория:
Новости и СМИ