Суинаг разамонджытæ
Цæгат Ирыстоны абон сарæзтой республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады кадрты резерв. Йæ сæйраг нысан у паддзахадон кадрты политикæ хуыздæр кæнын. 20 хуыздæр разамонæгимæ абон фембæлдысты нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Цориты Алетæ. Уыцы 20 адæймаджы æвзарæн къæпхæны сæрты ахызтысты. Сæ курдиæттæ балæвæрдтой 200 адæймагмæ ввахс. Фæлæ 3 къæпхæны хатдзæгтæм гæсгæ æппæты ныфсдæттæг æрыгæттыл банымадтой 20 адæймаджы. Фембæлды æрныхас кодтой проекты презентацийы домæнты тыххæй. Хъæудзæн сæ ацы азы кæронмæ бацæттæ кæнын, цæмæй тæккæ хуыздæрты бахæссой федералон программæттæм. Уымæй уæлдай ма фидæны разамонæджы куыст чи кæндзæн, уыцы кадрты резервы архайджыты бабар кæндзысты хицауады сæрдары хæдивджыты бæрны, кæнæ та профилон министрадты разамонджыты `вджид. Уымæй уæлдай ма сæ бон уыдзæн хицауады æмбырдтæм æрбацæуын æмæ байхъусын. Хъуамæ хуыздæр æмбарой, цы фарстатæ сæм ис, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Суинаг разамонджытæ
Категория:
Новости и СМИ