Цæгат Ирыстоны медицинон академийы бинонты æмдзæрæны рацарæзт дарддæр цæуы

Аразджытæ зæронд пъол скалдтой сæрмагонд техникæйы æххуысæй. Экскаватор ын йæ уæлцъар 30 см онг систа. Афтæмæй цар дæр фæбæрзонддæр. Ныртæккæ хæццæ кæны 3 метрмæ. Ацы къуылымпыдзинад кусджытæн иунæг нæ уыд. Æртыккæгæм уæладзыджы сæ къултæ ногæй амайын бахъуыд. Сæйраг куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Къултæ ногæй байсæрстой, баивтой бæстыхайы сæр æмæ электрон тыхы хызæгтæ. Бындуронæй рацарæзтой асинтæ. Цæттæ у хъармгæнæн системæ дæр. Уымæй уæлдай ма, æртæуæладзыгон объекты фæзындзæн лифт. Уæлдай æргом аздæхтой зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады домæнтæм. Бæстыхай 15 азæй фылдæр уыд заууат уавæры. Медицинон академи йæ йæхи фæрæзтæй балхæдта. Нырыккон æмæ алцæмæй æххæст æмдзæрæн цæттæ кæнынц бинонтæн, студенттæн æмæ æрыгон ахуыргæндтæн. Агъуыстытæ сты уæрæх. Фылдæр сты 35 квадратон метры онг. Хицæнæй дзы ис химæ зилæн агъуыстытæ. Алы уæладзыджы дæр уыдзæн хæрæндон æмæ гæрзтæхсæн бынæттæ. Æмдзæрæны егъау рацаразт сбастой бинонты афæдзимæ. Куыстытæм бавнæлдтой фарон сентябры. Объект раттынвæнд кæнынц сæрды.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
14 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии