«Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ рабæрæг кодтой 43 закъонхæлды
Электрон тыхдæттæн хызæгты нысангонд зонæты цы объекттæ рацарæзтой, уыдонæй 40-æй фылдæр фехалдзысты. Ахæм уынаффæ рахаста тæрхондон. Электрон хызæгтæн сæ фылдæр ифтонггонд сты цæхæрадæтты æмæ хи хæдзæртты кæртыты. Афтæмæй та уыцы хызæгты электрон тых хæццæ кæны Дзæуджыхъæумæ, стæй республикæйы районтæм æмæ хъæутæм. Æнæзакъонæй электрон тыхдæттæн телты раз бæстыхæйттæ кæм сарæзтой, уыцы бынæттæ бæрæг кæнынц «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ. Рацыдысты сæрмагонд рейды. Семæ не*сфæлдыстадон къорд дæр. Электрон тыхдæттæн телты бын æнæзакъонæй цы бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты, уыдоны ныхмæ ныр цалдæр азы дæргъы тох кæнынц «Россети Цæгат Кавказ»-ы кусджытæ. Уыдон æппынæдзух бæстонæй архайынц, цæмæй закъонхæлджытæ тæрхондоны раз радтой æмбæлгæ дзуапп. Не 'сфæлдыстадон къорд абон "Цæгаткавказэнерго"-йы мастеримæ бабæрæг кодтам нæ горæты цæхæрадæтты æмхæларадтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй райхалинаг фарстатæ æцæгдæр бирæ ис. Андрей Дмитриев, «Цæгаткавказэнерго»-йы техникон эксплуатацийы службæйы мастер: «Мах ныртæкккæ стæм цæхæрадæтты æмхаларад «Ирыстон»-ы. Ам ис 8 электрон тыхдæттæн хызæджы. Адоны фæрцы электрон тых хæццæ кæны нæ горæты алы бынæттæм. Закъонмæ гæсгæ сæ фарсмæ, кæнæ та сæ бынмæ нæй аразæн бæстыхæйттæ. Ныр уæхæдæг куыд уынут, афтæмæй сæ алыварс ис хæдзæрттæ. Уыцы хæдзæрттæ æмæ телты 'хсæн хъуамæ уа 20 метры. Уагæвæрдмæ гæсгæ сæ тынгад у 110 мин киловольты. Фæлæ ацы бæстыхæйттæ уыцы уагæвæрдæн дзуапп нæ дæттынц». Ацы хæдзæрттæ раз цы электрон тыхдæттæн телтæ ис, уыдон иууылдæр æмбæлгæ дзуапп нæ дæттынц уагæвæрдæн. Афтæмæй та нæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ, хъахъхъæд зонæты цы электрон тыхдæттæг телтæ ис, уым хъуамæ бæстыхæйттæ арæзт ма цæуой. Фæлæ нæ республикæйы уæддæр ис раиртасæн бирæ закъонхæлдтытæ. Зæгъæм, фæстаг рæстæг уыцы закъонхæлдтæн сæ нымæц схызт 43-мæ. Æмбæлгæ гæххæттытæ Цæгаткавказэнергойы кусджытæ радтой тæрхондæттæм, фæлæ хъуддаг размæ нæ цæуы. Андрей Дмитриев, «Цæгаткавказэнерго»-йы техникон эксплуатацийы службæйы мастер: «Хъахъхъæд зонæ кæм ис, уый зонынц адæм. Чи йæ нæ зоны, уымæн та йæ бон у электрон тыхдæттæн телтæй 20 метры рабарын. Фæлæ йæ адæмæй бирæтæ не 'мбарынц, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Сæйрагдæр у - адæймагæн йе ’нæниздзинад. Ахæм телты бын та хæдзæрттæ аразын раст нæу. Мах та кæддæриддæр фæкæнæм цалцæггæнинаг куыстытæ, æмæ нæ бон хæдзæрттæм бацæуын нæ вæййы». «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиал «Севкавказэнерго»-йы кусджыты фæрцы цы 43 закъонхæлды бæрæггонд æрцыд, уыдонæн сæ гæххæттытæ лæвæрд æрцыдысты тæрхондонмæ. 6 хъуыддаджы тыххæй дзы рахастой уынаффæ, цæмæй электрон тыхдæттæн телты разæй ист æрцæуой, уый тыххæй. Андрей Дмитриев ма нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй электрон тыхдæттæг телты раз хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уым хъуамæ адæм æмбарой, сæхицæн стыр зиан кæй хæссынц, уый. Зæгъæм, мыййаг, телтæ куы аскъуыной, уæд сæ тынгадæй æрцæуæн ис зынгсирвæзтæн, кæнæ та æндæр æвирхъау хъуыддагæн. Андрей Дмитриев, «Цæгаткавказэнерго»-йы техникон эксплуатацийы службæйы мастер: «Зæгъæм, хæдзæртты раз цы электрон тыхдæттæн телтæ ис, уыдон аскъуыдысты, кæнæ та сæ куысты цавæрдæр къуылымпыдзинад фæзынд. Уæд ма мæнæ бакæсут, нæ бон сæм бацæуæн дæр нæ уыдзæн. Уымæн æмæ адæм дуæрттæ гом нæ кæныц, кæнæ та сæ быруйæ сæхгæнынц. Афтæмæй сæхицæн фыддæр кæнынц. Мыййаг исты æвирхъау хабар куы 'рцæуа, уæд цæрджытæ дæр баззайдзысты æнæ рухсæй, стæй ма нæ республикæйы сæйрагдæр бæстыхæйттæ. Зæгъæм, нæ горæты скъолатæ, рæвдауæндæттæ, сывæллæтты æмæ республикон клиникон рынчындæттæ». Ныртæккæ ацы закъонхæлдты ныхмæ цæуынц сæрмагонд куыстытæ. Уый тыххæй та нын бæлвырддæр бамбарын кодта "Россети Цæгат Кавказ"-ы филиал "Севкавказэнерго"-йы сæйраг инженеры хæдивæг Михаил Россихин. Михаил Россихин, «Россети Цæгат Кавказ»-ы сæйраг инженеры хæдивæг: «Нæ специалистты руаджы мах бирæ закъонхæлдæ рабæрæг кодтам. Кæд нæ хицауады бардзырдмæ гæсгæ, электрон тыхдæттæн телты бын бæстыхæйттæ аразæн нæй, уæддæр адæм уыцы хъуыдыйымæ нæ разы кæныныц. Хъуыддаг бæлвырд нæ базонынц, афтæмæй уæддæр телты бын хæдзæрттæ аразынц. Фæлæ уыдон нæ хъуыды кæнынц фæстиуджытыл». Электриктæ кæддæриддæр цæттæ сты ацы куыст кæнынмæ. Абоны закъондæттынадмæ гæсгæ, уæлдæфон электро тыхдæттæн телтæн 6 кæнæ 10 киловатт кæмæн ис, уыдоны хахъхъæд зонæ у 10 метры, 35 киловаты чи у, уыдонæн та 15 метры, уæдæ 110 киловатæн та сæ хъахъхъæд зона 20 метры. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ рабæрæг кодтой 43 закъонхæлды
Категория:
Новости и СМИ