Компьютерон хъæзтыты дæлбардзинад
Æнæниздзинад хъахъхъæныны æппæтдунеон æхсæнад компьютерон хъæзтыты дæлбар уæвын бахаста тæссаг низты номхыгъдмæ. Ахæм уынаффæ сфидар кодтой Женевæйы. Низты номхыгъды уæвгæ ис 50 мин алыхуызон рыны. Компьютертыл чи фæцахуыр æмæ æнæ уыдонæй сæ бон кæмæн нал у, ахæм адæм специалистты цæстæнгас рагæй сæхимæ `лвасынц. Фæлæ се `ппæт иу хъуыдымæ не `рцыдысты. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уый, психикæйыл чи фæбæрæг вæййы, ахæм низ у. Раиртасынц æй бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Кæд афæдзы дæргъы адæймаг æхсæв-бон нæ хынцгæйæ компьютертæй иуварс нæ хизы, йæ царды сæйрагдæр фæзындыл сæ нымайы, уæд ыл низ тых кæнын райдыдта. Афтæмæй йæ дзæбæх кæнын хъæуы. Фæлæ цы хуызы, уый гæххæттыл фыст нæу, ныхас дзы цæуы æрмæстдæр сæрмагонд программæтыл. Иуæй-иу бæстæты сæ ныридæгæн æххæст кæнын райдыдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Компьютерон хъæзтыты дæлбардзинад
Категория:
Новости и СМИ