Зæххуарзаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

8 лет назад

Хæрзад æмæ цымыдисаг дыргътæ æмæ халсартæ... Æппæт уыцы диссæгтæ дуканийы тæрхæгыл не сты, фæлæ сæ Багаты Гиви йæ гыццыл цæхæрадоны æрзайын кодта. Йæ чысыл хæдзарады зайы æнгузтæ æмæ æхсæртæ, уыдонимæ ма инжир дæр. Фермеры уды хъару фидар у æмæ фидæнмæ йæ размæ æвæры стыр нысантæ. Фæнды йæ йæ хæдзарад фæуæрæхдæр кæнын. Йæ фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ раргом кодта не сфæлдыстадон къордæн дæр. Багаты Гиви тынг кусаг у, æнтысджынæй æххæст кæны фыдæлты æгъдау. Æнæ куыстæй йын цард нæй. Уымæ гæсгæ райсомæй суанг изæрмæ вæййы йæ чысыл цæхæрадоны. Йæ бинонты йæ фæллойæ хæссын ын уæлдай æхсызгондзинад хæссы. Гивийы цæхæрадон хæрзчысыл у, фæлæ дзы цы цы хæрзад дыргътæ æмæ халсартæ æрзайын кодта, уыдон дзæвгар сты. Алы ахорæнтæй ахуырст алтъамитæ, фæткъуытæ, кæрдотæ - цæст рæвдауынц. Уый æрмæст бæлæстæ. Зæххыл та рæгъ-рæгъ ралæууыдысты къабускайы, цывзыйы, пъæмидорты æмæ джитъриты бæркадджын хуымтæ. Уæдæ ууыл дæр æппæт уыцы диссæгтæ нæ фесты. Цалдæр азы размæ Гиви ныссагъта æхсæр. Ныр зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы бæркадджын тыллæгмæ. Æрæджы та йæм фæзынд инжир дæр. Нырма уал талатæ сты. Æртæ азы дæргъы сæ йæхæдæг зайын кодта. Ныртæккæ йыл дыргътæ нæ фендзынæ, фæлæ йæ рæстæджы бæркадджын тыллæг ратдзысты. 90-æм азты хæстон цауты рæстæг Гивийы йæ бинонтимæ бахъуыд Гуырдзыстоны сæ хъарм къона ныууадзын. Ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, куыста хъахъхъæнæгæй, ныр та йæ цард снывонд кодта йæ бинонтæ æмæ хæдзарадæн. Фыццаг бакастæй зын зæгъæн у Гивийыл цал азы цæуы уый, фæлæ нын ацы худæндзаст лæг уый дæр нæ басусæг кодта. Кæд йæ 73 азы сæрты ахызт, уæддæр йæхи 20 аздзыд лæппуйау æнкъары. Цардмæ кæсы хъæлдзæг цæстæй, уæдæ йæ куыстхъомдзинад та æрыгæттæн фæзминаг æмæ дæнцæгæн хæссинаг у. Йæ уды цæхæр æмæ куыстмæ æнувыддзинадæй та йæ алыварс адæмы афтæ сцыбæл кодта, æмæ йæ бинонтæ дæр цæхæрадонæй æддæмæ нал хизынц. Уæлдай тынгдæр та йын æххуыс кæны йæ 94 аздзыд мад. Æвæццæгæн Гиви дæр ахæм кусаг йæ мадæй фæцис. Гивийы фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ раргом кæнын нæ къухы бафтыд. Бирæ нæ хъæуы, æмбæлгæ царды уаг, хæрзхъæд æмæ хæрзад продукттæ æмæ иттæг хорз зæрдæйы уаг. Гиви йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, уый сусæггаг дæр нæ уыд, уыимæ йæ азты сæрты акæсгæйæ æнæвгъауæй æппæт уыцы хъуыддæгтыл æфтауы йæ кæстæрты æмæ йæ алыварс цæрæг адæмы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Зæххуарзаг

Категория:

Новости и СМИ