Бынæттон фарстатæ
Абон Мæздæджы районы ис Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы æмбырд. Архайынц дзы Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвары аппараты сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, стæй экономикон рæзты министрадты æмæ фæндаггон хæдзарады комитеты разамонджытæ. Æмбырды архайджытæ сæ размæ сæвæрдтой хæс, Мæздæджы районы социалон-экономикон рæзты республикон программæ куыд æххæстгонд цæуы, уымæ æркæсын. Ныхас цыд районы ахсджиаг фарстатыл. Се хсæн - кæлæдздзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый, коммуналон инфраструктурæйы уавæр, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстатæ. Уымæй уæлдай ма Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ районы администрацийы минæвæрттимæ бабæрæг кодтой социалон ахсджиаг объекттæ дæр. Ахæм æмбырдтæ Æхсæнадон палатæ араздзæн республикæйы æппæт районты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бынæттон фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ