Дзанайты Барис æмæ Владимир Надыктойæн уыд кусæг фембæлд
Дзанайты Барис æмæ Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Владимир Надыктойæн уыд кусæг фембæлд. Æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы национ проекттæ æмæ паддазхадон программæтæ æххæст кæнынæн ацы аз радих кодтой 15 миллиард сомы. Уыдонæй сараздзысты социалон инфраструктурæйы объекттæ, коммуналон æмæ фæндаггон къабазы модернизаци, уыимæ ма базилдзысты æхсæнадон бынæттæм. Уæлдай æргом аздæхтой Беслæны генералон пъланы мадзæлттæм. Сæрмагонд программæйы фæлгæты цæуы районы поликлиникæйы æмæ БМК фæсивæды галуаны рацæрæзт. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионы дарддæр куыстытæ цæудзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынад, ахуырад, культурæ, спорт, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты.