Йæ цардæй ахицæн космосон конструктор Къомайты Руслан

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

5 лет назад

Йæ фæрцы стъалытæ систы хæстæгдæр. Йæ фæрцы Цæгат Ирыстоны сывæллæттæн ис космосы тыгъдады сусæгдзинæтæ базоныны фадат. Йæ цардæй ахицæн космосон-тæхгæ аппаратты конструктор Къомайты Руслан. Къомайы фырт уыд Лавочкины номыл наукон иугонды генералон директоры фыццаг хæдивæг, уыд Советон Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат. 2017 азы йын Цæгат Ирыстоны хицауад йæ хъæппæрисæн разыйы дзуапп радта, ӕмӕ сног кодтой, 19-æм æнусы 70-æм азты арæзт планетарийы бæстыхай. Къомайты Русланыл цыд 74 азы. Космосы æнæсгæрст сусæгдзæдтæ ам, Зæххыл, базонын. Арæзта космосон аппараттæ. Планетæты 'хсæн станцæ «Венера», астрофизикон обсерватори «Гранат» æмæ станцæ «Фобос». Йæ фæстаг куыст бæлвырд æххуыс фæци Марс æмæ йæ спутникы тыххæй бирæ ног цымыдисаг хабарæттæ сбæлвырд кæнынæн. 45 азмæ Лавочкины номыл наукон-рауагъдон иугонды Къомайты Руслан сарæзта æмæ сфæлвæрдта 500 космосон аппараты. Йæ æнтыстдзинæдтæ æмæ хорзæхтæ космосон къабазы сты æгæрон. Наукæ æмæ техникæйы къабазы Советон Цæдисы паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы сгуыхт хæдтулгæтæ аразæг. Уæлдай бынат Къомайы фыртæн йæ зæрдæйы ахста йæ Фыдыбæстæ. Ис афтæ зæгъæн, æмæ космосмæ йæ фæндаг райдыдта Ирыстоны зæххыл. Абон Ирыстоны, стæй æгас Цæгат Кавказы цæрджытæн сæ бон у фенын, Руслан кæй сæмбырд кодта, ахæм мæйдзу æмæ, æмбал кæмæн нæй, ахæм макеттæ. Дун-дуне æмæ космосон техникæйы тыххæй сусæгдзинæдтæ базонын. Уæззау хабар у куыд нæ республикæйæн, афтæ æгас бæстæйæн дæр. Уарзтой æмæ йын аргъ кодтой йе 'мкусджытæ, хæлæрттæ æмæ ахуырдзаутæ. Зындгонд ахуыргонд сын уыд хорз æмбал æмæ разамонæг. Къомайты Русланы хиуæттæ æмæ хæстæджытæн тæфæрфæс ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Къомайты Руслан иу бон дæр æгуыст нæ уыд. Йе 'мкусджытæм диссаг каст, ахæм стыр хæсимæ космосон конструкторæн йæ фæндтæ кæй æнтыст æххæст кæнын. Æрмæст саразын арæх фаг нæ вæййы. Уымæй зындæр — йæ райрæзт æмæ парахат кæныныл бакусын. Афтæ дзырдта Къомайты Руслан. Йæ фæстæ ныууагъта зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинады хъæздыг бынтæ. Уыимæ ма, ныр йæ фæдонтæм цы фæндты райрæзтыл бакусын хъæуы, уыдон. Калоты Дзерассæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv