Аивады базыртыл
Театр нацийы цæсгом, нацийы удыхъæды миниуджытæ æвдисæг у. Театры кусджыты бон та нымайынц, аивад чи уарзы, уыдон се `ппæт дæр. Кæддæриддæр ирон адæмы рухс артдзæст уыд æмæ у, мидварн чи хъæздыг кæны, аивады ахæм къабаз. Театр – царды айдæн, зынгæ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ дзæгъæлы афтæ нæ фæзæгъынц. Аивады бæрæгбæттæн сæ ахсджиагдæртæй иу у Театры бон. Сфæлдыстады ацы хуыз йæ тынтæ цы адæмы `хсæн анывæзта, уыдон амондджыныл нымад вæййынц. Аивады тæмæнкалгæ тала кæй къæсæрыл уидаг ауагъта, уыцы бинонтæ сты Дзытиаты Лактемыр æмæ Зæнджиаты Ритæ дæр. Фæлтæрдджын актертæ æмæ иу бинонтæ... Ирыстоны адæмон артист æмæ сгуыхт артисткæйæн се `нкъарæнты зынг дæр фыццаг хатт сценæйыл ссыгъдис. Йæ цард аивадæн чи снывонд кодта, уыдон алывæрсыгæй дæр сты фæзминаг. Лактемыр æй ныр диссагæн дзуринагæн фæзæгъы æппæты зындæр адæмы зæрдæтæм фæндаг ссарын кæй у. Сындзытимæ къахвæдæй уæлдай нæу, фæлæ йыл æнтыстджынæй чи ахизы, уымæн адæм бахай кæнынц сæ уардиты хуыздæртæ. Ритæйæн дæр, æвæццæгæн, уыцы хорзæхтæ йæ зæрдæ балхæдтой. Тæбæхсæуты Бало, Таутиаты Солæман, Хъалæгаты Федя, Хъæрджынты Варварæ, Икъаты Серафин æмæ бирæ `ндæртæ... Æвидийгæ курдиатджын актерты цы сценæ радта, уый сси сфæлдыстады куырдадз. Æрмæст Лактемыр æмæ Ритæйæн сæ зæрдæ `хсайы аивады ног гуырæнтæм. Фæнды сæ, ног нæмттæ, ног спектакльтæ æмæ ног курдиæттæ уынын. Театрдзауты дæр – афтæ. Нæ зæрдæ дардзыстæм, уыцы иумæйаг фæндон хъуыддæгтæ аразæджы бар кæй уыдзæн... _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Аивады базыртыл
Категория:
Новости и СМИ